Адæмон барты иргъæвæг - цæс дарæм парламенты цур æмбырды цыдмæ, æмбырды сæрибардзинадмæ хифæкæнын гæнæн ис æрмæст уыцы цауы, кæд æмæ акци райсдзæн тыхмигæнæгон кæнæ закъоны ныхмæ равг
Гуырдзыстоны адæмон барты иргъæвæгы аппарат йæ цæст дары æмбырды цыдмæ, кæцы сабырадон равг хæссы æмæ хайажисджытæ протест сабырдон формæйæ æвдисынц – уый фæдыл дзырдæуы адæмон барты иргъæвæгы фидиуæны.
Фидиуæнмæ гæсгæйæ, æмырды сæрибардзинадмæ хифæкæнын бауадзинаг у æрмæстдæр уыцы цауы, кæд æмæ акци тыхмигæнæгон кæнæ закъоны ныхмæ равг райсдзæн.
«Ацы рæстæгмæ, адæмон барты иргъæвæгы цæстдардмæ гæсгæйæ, нæ фæбæрæг ис æмбырды закъоны ныхмæ равг, уый тыххæй дæр нæй æмбырды хайаисджыты конституцион бартæм хифæкæныны бындур. Адæмон барты иршъæвæг сиды Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрадм ма фæкуылымпы кæна æмбырды хайадисджыты конституцийæ бæрæг барты сыххæсты хъуыддаджы» – банысангонд у адæмон барты иргъæвæгы фидиуæны.