Адæймаджы барты Европаг Тæрхондон Уæрæсейы ныхмæ Гуырдзыстоны радон хъаст  æмхъæлæсонæй  бауадзинагыл банымадта
Адæймаджы барты Европаг Тæрхондон Уæрæсейы ныхмæ Гуырдзыстоны радон хъаст æмхъæлæсонæй бауадзинагыл банымадта

Адæймаджы барты Европаг Тæрхондон  Гуырдзыстоны хъаст хъуыддагыл  «Гуырдзыстон Уæрæсейы ныхмæ» æмхъæлæсонæй  бауадзинагыл банымадта.  Уынаффæ   æппынфæстаг у  æмæ дарддæр  этапыл  уый фæдыл уыдзæн уынаффæ.

Хъуыддаг æххæссы   Гуырдзыстоны  контролгонд территорийыл æмæ Гуырдзыстоны регионты Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн  администрацион арæйнон  хаххыты дæргъмæ  адæймаджы барты уавæры   гæнæн фæфыдæрмæ.

Хъаст  Гуырдзыстоны  хицауад Страсбургы  тæрхондонмæ 2018  азы 22 августы бахаста. Уый «Гуырдзыстон Уæрæсейы ныхмæ» æхсæнпаддзахадон   цыппæрæм куырдиат у.

«Тæрхондон сбæрæг кодта цæмæй  йын  уыдис юрисдикци  хъуыддаджы æркæсыныл, уымæн æмæ  факттæ, кæцытæ сты  конвенцийы  æнхъæлцау  халын æвдисæг, сбæрæг сты  2022 азы  16 сентябры  онг, цалынмæ Уæрæсейы Федераци  европаг  конвенцийы  архайд фæурæдтаит. Нæкæсгæ уымæ  цæмæй  Гуырдзыстоны  хицауад  тæрхондонæй  ракуырдта, Давит Башарулийы, Гига Отхозориайы æмæ Арчил Татунашвилийы  хъуыддæгты  æркæсын æнæрмæст   гæнæн администрацион   практикæйы  иллюстрацийæ, фæлæ ма конвенцийы хицæн    хæлдæй, тæрхондон банысан кодта, цæмæй ацы хъуыддæгтæ  афтæдæр æгъгъæд уыдысты  æртæ  индивидуалон   хъасты темæйæ суыдаиккой. Уый тыххæй  тæрхондон ахицæн кодта, цæмæй  ацы æхсæнпаддзахадон  хъуыддаджы, уый æркастаит æрмæстдæр администрацион  практикæйы ахзылынгæнæнтæ æмæ фæуынаффæ кодтаит  æртæ хицæн  цауыл, куыд  ахæм практикæйы гæнæн  иллюстраци афтæ.  Уый æддæмæ ма, тæрхондон сразы ис,ц æмæй  иунæг фæзынд дæр, кæцы æрцыд 2009 азы онг, –  кæнæ та  «бордеризацийы»  процессы онг –  ма хъуамæ  цæуа   нымадмæ ист.  Уæрæсейы  хицауады  претензиы дзуаппæн, ома куырдиат бавдыст уыд   иуæмаг æхсæандæмон фарстатыл уынаффæ рахæссынæн æмæ   нæ конвенцийæ бæрæг  адæймаджы барты  хъахъхъæдимæ баст  фарстатыл, тæрхондон  банымадта, цæмæй  хъуыддаг æххæссыд  барты æмæ сæрибардзинæдтæм, кæуытæ   бæрæг сты  конвенцийы æмæ  уымæ нæкæсгæ цææмй ацы фарстатæн уыд политикон аспекттæ, тæрхондонæн йæ бон нæ уыд  нæзагъд ракæнын хъуыддаджы кастыл æрмæст уый тыххæй, цæмæй йын уыд  политикон фæстиуджытæ.  Тæрхондон банымадта,ц æмæй нæ уыд  хъастыл нæзагъды  бындур  æмæ  не сразы ис хъастимæ»- дзырдæуы уынаффæйы.

Старсбургы тæрхондоны  банысан кодтой, цæмæй Уæрæсейы ныхмæ  Гуырдзыстоны дыккаг хъуыддагыл  тæрхондон   сбæрæг кодта, цæмæй Уæрæсейы фидар  минæварад æмæ  Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны де-факто  хицæуæдты  Уæрæсейы  Федерацийы фидар  дæлбарад, кæцыйыл баст уыдис се фервæзын кæнын,  уый амонæг уыд, цæмæй  Уæрæсе дарддæр кодта  «эффективон контрол»  ацы дыууæ сепаратистон  регионыл иууыл цъус 2018 азы  23 зæрдæвæрæнмæ.

«Уымæ гæсгæйæ,  цæмæй нæй  бакомкоммæ информаци, тæрхондон    банымадта,ц æмæй ацы  хатдзæг  йæ  тыхы  баззайдзæн. Уыйрдгæй  бæрæг уыд, цæмæй конвенцийы  гæнæн халыны  амæттæгтæ Уæрæсейы   Федерацийы  юрисдикцийы дæлбар уыдысты.  Тæрхондон рафæлхатт кодта, цæмæй  мидпаддзахадон   фæрæзты сæвдæлон кæныны  уаг  не æххæссыд æхсæнпаддзахадон   хуъыддæгтæм,  хъастгæнæг  паддзахад куы  хъаст кодта  конвернцийы  халыны администрацион   практикæйыл  æмæ  тæрхондонæй  куы нæ куырдтой индивидуалонæй аскуыддзаг кодтаит  алы хъуыддаг, кæцы бавдыст уыд  ацы  практикæйы бæлвырдгæнæнæй  кæнæ  иллюстраийæ. Уый тыххæй  цæмæй тæрхондон нæ кæсы администрацион практикæйы  зылынгæнæнтæ æрмæст ацы  æхсæнпаддзахадон   хъуыддаджы фæдыл,  уый  ахицæн кодта,ц æмæй  бахардз кæныны уагæй не спайда кæндзæн»-   дзырдæуы уынаффæйы.

Адæймаджы барты европаг  тæрхондон нæрайсгæйыл банымадта Уæрæсейы  хицауады  аргумент, ома  куырдиаты бауадзинагæй банымайынæн  зылынгæнæнтæ,  комкоммæ амæттагы  бæлвырдгæнæнтæй  хъуамæ  уа  фидаргонд.

«Тæрхондон  рафæлхатт кодта, цæмæй  йын  ис  бар, æнцой кæна  алы  хуызы бæлвырдгæнæны æмæ иурæстæгонæй    бамбара, цæмæй  алы куырдиат æмæ æрмæгимæ тынг хъавгæйæ уа.  Информацийы æууæнкджындзинад, афтæ куыд  алы  уæвæг зылынгæнæны абаргæ  æвдисæйнагы аргъ  касты уыдзæн   æнæрмæст уый бындурыл, ома бæлвырд кæнынц æви нæ уыдон сæ кæрæдзи, фæлæ ма  уыцы факт хынцгæйæ дæр, ома адæймаджы барты мониторингы   органтæн 2008 азы августы  фæстæ нæ уыдис   æнæкуылмпы  рæувадат   дыууæ сепаратистон  регионы уæвæг уавæрыл.  Сæ къухы уæвæг  бæлвырдгæнæнтæн аргълæвæрды  рæстæджы  тæрхондон банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстоны  хицауад сæ  хъастты  бæлвырд равдисынæн   бавдыста Гуырдзыстоны падзахадон æдасдзинады куысты  фыст  бирæ  инциденты æмæ гæнæн амæттагы  деталон  номхыгъд. Нырид фæнысангонд  цаутæй уæлдай,  номхыгъды  нæ  бавдыстой  гæнæн   амæттагы кæнæ  æвдисæнты куырдиæттæ æмæ  тæрхонон-медицинон  кæнæ æндæр  хуызы  бæлвырдгæнæнтæ. Уыимæ Гуырдзыстоны  хицауады бавдыст  æхсæнадæмон организациты æмæ  хæдбар  æхсæнадæмон  бартæхъхъæнæг  ассоциациты  æрмæджытæй  æмæ  тæрхондон цы æрмæджытæ самал кодта уыдонæй   зыны,  цæмæй  2009 азы «бордеризацийы»   процесс райдаыны фæстæ æцæгдæр  æрцыд адæймаджы бартимæ баст  бирæ инцидент.  Дæнцæн  20211  азæй 2008  азы  сентябры онг периоды  Гуырдзыстоны Евроцæдисы цæстдарæг  миссийы тæвд хаххы  фæрцы æрцыд  2 741 хатты дзырд администрацион  арæйнон хаххыл ахизыны  тыххæй  ахстыты  фæдыл.  Уымæ гæсгæ  дæр, тæрхондон сбæрæг кодта, цæмæй уæвæг  æрмæг æгъгъæд уыдис уымæн, æмæ   бакуса дырыс бæлвырдгæнæн «актты сфæлхатты»  фæдыл,к æцы æгъгъæд  бæрцæй  бирæнымæцон  æмæ кæрæдзиимæ  баст уыдис, цæмæй  конвенцийы  статиты  хплыны «дæнц кæнæ системæ»  сæвзæра.  Лæмбынæг этапыл тæрхондон хъуамæ  аскуыддзаг кæна, уыдис æви нæ  бавдыст æрмæг   æгъгъæд уымæн, цæмæй  ахиза  «æмбаргæ  гуырысхойæ дарддæр»  арæныл  дзуаппдæттæг  падздахады бавдыст   кæцыфæнды  бæлвырдгæнæныл уынаффæйы рæстæджы»   – дзырдæуы   тæрхоныскъуыды.

Администрацион практикæйы «официалон толерантондзинады»   элементы тыххæй та, тæрхондон банысан кодта, цæмæй «арæны хъахъъæды иумæаг   тыхапрхайды» фæдыл  бардзырдтæм æмбæлгæйæ, уырыссаг арæнхъахъъхæнджытæ  (Уæрæсейы Федерацийы æдасдзинады федералон куысты  дæлбар)  радгæс кодтой  администрацион арæныл Гуырдзыстон хицауады  контролгонд территорийы æмæ сепаратистон  регионты æхсæн.

«Тæрхондон афтæдæр банысан кодта  иуæй-иу  мадзæлтты   регулиргæнæг равг (сæрмагондæй та, Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны  змæлды сæрибардзинад  сæмбонд кæнын, кæцы  администрацион арæны  паддзахадон арæнтæй  де-факто  фестын кæныны фæстиуæг у) æмæ сæ  иумæйагæй  скусын кæнын  алы  интересджын  фарсыл.  Ацы мадзæлтты уæвыныл нæйы нæ  загхта Уæрæсейы  хицауад  æмсæ сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны  хицауады  бавдыст æхсæнадæмо н æрмæджытæй æмæ йехæдæг тæрхондорны  ссаргæ  æрмæджытæй.   Процессы ацы  этапыл, уæвæг бæлвырдгæнæнтæ æгъгъæд уыдысты  тæрхондон бауырнын кæнынæн, ома уыдис  «официалон  толернатондзинады»  элемент  æмæ уый  ен сразы ис  Уæрæсейы   хицауады  æнхъарæнимæ ацы æрдгæй.  Тæрхондон афтæдæр банысан кодта,ц æмæй   хъуыддаг нæ уыд  æнæруадзгæ  конвнцийы  35-æм статийы 1-аг æмæ   4-æм пунктты бавдыст æндæр   бындуры тыххæй.   Тæрхондон хъаст бауадзинагыл   райхъусын кодта  хъуыддаджы лæмбынæг кастæй цух» – дзырдæуы уынаффæйы.