Ацы аз, Тбилисы æфсæнвæндаджы форумы фæлгæтты, Гуырдзыстон фыццаг хатт сфысым уыдзæн æхсæнадæмон мадзал, Тбилисы финансон саммитæн
Ацы аз Гуырдзыстоны, Тбилисы æфсæнвæндаджы форумы фæлгæтты, масштабон æхсæнадæмон мадзал, Тбилисы финансон саммит сырæздзæн. Уый фæдыл Гуырдзыстоны националон банкъ расидтис.
Гуырдзыстоны националон банкъы информацийæ, саммиты организаци кæнынц Гуырдзыстоны националон банкъ, экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрад æмæ Сингапуры глобалон финтех хызæг (GFTN). Уый æрбаиу кæндзæн финтех æмæ финансон секторы лидерты æппæт дунейæ, стыр компаниты минæвæртты æмæ экспертты.
Саммит ацæудзæн дыууæ боны дæргъы, 22–23 октябры, æмæ дзы уыдзæн алыгъуызон рабадтытæ æмæ дискусситæ.
Тбилисы финансон саммиты сæйраг темæ у фидæны финансон технологитæ, регионы инновацион инфраструктурæйы рæзт æмæ Астæуккаг къæлидор куыд глобалон базарады æмæ нымæцон финансты сæйраг центр. Форумы архайæг æндæр æмæ æндæр къабæзты компаниты минæвæрттæн дæр плангонд сты дывæрсыг хъуыддагон фембæлдтæ.
Тбилисы финансон саммит GFTN мадзæлтты серийы хай у, кæцытæн фысым бæстæйæ Гуырдзыстон æвзæрст æрцыд. Уый фæстиуæгæн, Гуырдзыстон ацы хызæджы хай кæны. Саммит æвдисы платформæ бæстæйы стратегион нысанмæ æххæст кæнынæн, кæцы у Гуырдзыстоны раивын Европæ æмæ Азийы иугæнæг Астæуккаг къæлидоры сæйраг зæнгæй. GFTN хызæг равзæрд Сингапурæй æмæ æмбырд кæны бирæ азты æнтыстджын рæзты фæлтæрддзинад, кæцы уый фæстæ ахæлиу ис Азийы æмæ Европæйы æндæр æмæ æндæр бæстæтæм», — дзырдæуы Националон Банчы расидæны.
Националон банкъ афтæ дæр бæлвырд кæны, цæмæй развæлгъау регистраци æнæмæнгхъæугæ у уыцы адæймæгтæн, кæцыты фæнды Тбилисы финансон саммиты хайад райсын, афтæ дæр медийы минæвæрттæн.