Абоны пленарон рабадтмæ, гæнæн ис  хъæлæскæнынмæ рахæссой Михеил Саакашвилийы  тыххæй  рæстæгмæ фæдагурæг комисси саразыны фарста
Абоны пленарон рабадтмæ, гæнæн ис хъæлæскæнынмæ рахæссой Михеил Саакашвилийы тыххæй рæстæгмæ фæдагурæг комисси саразыны фарста

Гуырдзыстоны  парламенты абоны  пленарон рабадтыл, гæнæн ис  хъæлæскæнынмæ рахæссой  Михеил Саакашвилийы хъуыддаджы тыххæй  рæстæгмæ   фæдагурæг комисси саразыны  фарста.

Фарст æххæссы Михеил Саакашвилийы Руставы  ахæстонæй  Глданы  медицинон  уагдонмæ  аласыны   эпизодмæ.

Парламентон фылдæртæ  комисси саразынимæ сразы  кæнын нæ хъавынц æмæ йæ саразыны  инициативæйы ажиотаж сцырын кæныны  æфсоныл нымайы.

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн   парламенты  адæймаджы барты  хъахъхъæды  комитеты сæрдар, Михеил Сарджвеладзе  куыд фехъусын кодта, афтæмæй,  зæгъгæ бæрæг куыд у,  «Националон Змæлд»  фарстайы политикон базарадæй   æвæры.

«Абон  рабадтмæ хаст уыдзæн   дыккаг комисси саразыны фарста дæр.  Æвæццæгæн  бацархайдзысты афтæмæй    сæ зондыл акæнын депутатты, цæмæй бæрæг   формæйæ  ссарой  фарсхæцын, науæд та  ацы комисси рагæй  у инициргонд. Бæрæг куыд афтæмæй,  абон    сегасдæр релевантон   афон  ссардтой.   Мæ хъуыдымиæ гæсгæ  сæхæдæг дæр æмбарынц, цæмæй ахæм   фæдагурæг   комисситæ саразыны рæстæджы ажиотаж ысцырын кæнын у нысан,   реалонæй уавæры равзарыны бæсты, уымæн æмæ   ахæм уавæрты  уыдонæн   пайдаджын   политикон аргументтæ  нал уыдзæн», –  райхъусын кодта Сарджвеладзе.

Регламентмæ гæсгæйæ  комисси саразынæн  хъæуы 50 депутаты  хъæлæс.  Фæнысангонд комиссийæн  гæнæн ис  йе фарс ма рахæца  оппозицийы хай.