Абонæй фæстæ, 18-æй 65 азы онг кары коронавирусæй фæрынчынуæвæг пациенттæ, кæцытæн нæй хроникон низтæ æмæ сæм нæ фæбæрæг сты симптомтæ, уыдонæн хос кæндзысты фысымуатты
Абонæй фæстæ, 18-æй 65 азы онг кары коронавирусæй фæрынчынуæвæг пациенттæ, кæцытæн нæй хроникон низтæ æмæ сæм нæ фæбæрæг сты симптомтæ, уыдонæн хос кæндзысты фысымуатты, – уый фæдыл æнæнизхъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзе координацион советы рабадты фæуды фæстæ райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Батумы рынчындонæй пациентты хайы нырид æрцæрын кодтой фысымуæтты.
«Гуырдзыстоны æртæ стыр горæты – Тбилисы, Батумы æмæ Кутаисы абонæй райдыдта фысымуаты лæггадæй карантины уæвæг пациенттæн хос кæнын. Нырид цæуы Батумы рынчындонæй фысымуатмæ пациентты раргъæвд. Знон клиникон балимæ иумæ сбæрæг кодтам уыцы протокол, кæцымæ гæсгæ дæр архайдзысты нæ дохтыртæ. Ацы цауы уыдзæн ахæм ахаст – æххæстаздзыдтæ, 65 азæй уæлдæр чи у уыдон фысымуаттæм нæ арвитдзыстæм æмæ 18-æй 65 азы онг чи уыдзæн, уыцы адæймæгтæн, кæцытæ ковидинфекцийæ рынчын сты æмæ сæм нæй хроникон низтæ, уыдзæн фадат кæд сæм симптомтæ нæй хос кæныны адарддæр кæной фысымуатты уæвгæйæ», – райхъусын кодта Тъикъарадзе.