«Скæсæн партнерады» радæй фæндзæм саммит абон Брюсселы, Тбилисы рæстæгæй 11:30 сахатыл райдыдта. Уым хайад расдзысты евроцæдисы уæнг бæстæты лидертæ æмæ программæйы хайадисæг æхсæз бæстæйы, Гуырдзыстоны, Украинæйы, Молдовæйы, Белорусы, Азербайджан æмæ Саомихыстоны хицауады уæнгтæ. Мадзалыл дзырдæй ралæудзæн Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили.
Саммиты размæ ахæлиугонд пресс-релизы куыд у банысагонд афтæмæй, саммитыл фæныхас кæндзысты фидæны æмкуысткæнынадыл.
Приортетонæй бавдыст сты цыппар фарст: 1. Фидар экономикæ, кæцы экономикæйы рапарахаты æмæ базары фадаттæй хуыздæр спайда кæнын дары йæ хъуыдыйы, 2 фидар фæткъдаруат, кæцы йæ хъуыдыы дары хицауадон институтты фæтынг кæнын, 3. фидар цæдистæ, кæцы транспорты æмæ энергетикæйы къабазты æмгуыстадимæ у баст; 4. Фидар дзыллæ, кæцы баст у æмбæстæгты æхсæн цæдисты фæфидардæр кæнынимæ.
Ацы приоритеттæм гæсгæ, бæрæг сты 20 рард, кæцыты сæххæст партнертæ хъавынц 2020 азмæ:
- Æмбæстагон дзыллæйон организациты хъуыддаджы бастдзинад.
- Гендерон æмсæрады рæзынад æмæ дискрминацийы кæрон скæнын
- Стратегион коммуникациты фæтыхджындæр кæнын, медиаплюрализмы æмæ бархи медийы баахъаз кæнын
Экономикон райтынг æмæ базары фадæттæ
- Инвестицион æмæ бизнесæрдзы фæхуыздæр; лыстæг æмæ астæуккаг кондадты потенциалæн æххуыс
- Плангонд у кредитты алæвæрд лыстæг æмæ астæуккаг кондадтæн бынæттон валютиæйæ. План кæны бынæттон финансон инфраструктурæ срæфдз кæнын, кæцы райрæзын кæндзæн финансдзинады альтернативæтæ хицæн секторы дарддæры рæзынадæн
- Финансты æнцонвадатдзинады æмæ финансон инфраструктурæйы фарстыты уæвæг аиппыты сраст кæнын
- Ног куыстбынæтты сæвзæрын кæнын бынæттон æмæ регионон æмвзæадыл
- Цифрон базарты гармонизаци
- Цифрон пакет – 50 милуан евро. Плангонд у конкретон къахдзæфтæ роумингы фæхуыздæргонд æргъты æмæ роумингы тарифты фæкаддæр кæныны æрдæм партнер бæстæты. Цифрон пакетæн хъæугæ мадзæлттæ ахъаз уыдзысты интернеты бирæ æнцондæр æмæ аслам скæнынæн. Сæрмагонд акцент арæзт цæуы регионтыл.
- Регионы миæдгон базарадæн æххуыс партнер бæстæты æмæ Евроцæдисы æхсæн институтты фæтынг æмæ æмбæлон фæткъдæттын.
- Барады уæлдæрдзинад æмæ антикоррупцион механизмты фæтызджындæр кæнын
- Фæткъдæттынады фæхуыздæры нысанæй рахицæнгонд у 17- милуан евро
- Сæйраг тæрхонон реформæты сæххæстæн æнцой
- Хицауадон администрирдзинады реформæйы сæххæстæн æххуыс
12 Æмгуыстады фæтынг кæнын æдасдзинады фарстыты, цæдистæ, энергоэффективондзинад, æрдзы хъахъхъæдад æмæ климаты ивд
- Сæйраг трансевропаг транспортон хызагы ауæрæхдæр кæнын
- Энергоифтонгады æдадзсинады рæзынад.
15.Энергоэффективондзинады æмæ хæдсног кæнын хъом энергийы ратæдзæнтæй пайдакæнынады рæзынад, хъарм газты бæрцы фæкъаддæр кæнын
- Æрдзы хъахъхъæды баахъаз æмæ климаты ивды æндæвдадмæ хъæддыхдзинады фæтынгдæр кæнын
Мобилондзинад æмæ адæмты æхсæн контакттæ
- Æнтыст визалиберализацийы фарстыты фарстыты æмæ мобилон æмгуыстады фарстыты
- Æвзонгты фæлтæрдтæм инвестирдзинады фæхуыздæр æмæ куыстлæвæрды потенциал
- Æрыгонты æмæ ахуырады пакет – 340 милуан евро.
- Плангонд у баивды программæты æмæ мобилондзинады фылдæр фадæттæй спайда кæнын, кæцы ратдзæн фадат 80 000 фылдæр æрыгонæн, студентæн æмæ акадаемикъон азуыргæнæндоны минæварæн, спайда кæной программæйæ. Фæстаг æртæ азы мидæг, Скæсæн Партнерады бæстæты 10 400 студет райстой ахуырд евроцæдисы кæнæ Скæсæн Партнерады инициативæйы хайадисæг бæстæты.
- Скæсæн Партнерады скъолайы бындурæвæрд
- Плангонд у Гуырдзыстны европæйаг скъолайы бакæнын æмæ скъолаты æхсæн æмгуыстады фæтынгдæр кæнын, кæцытæ кæрæдзиимæ платформæйы фæрцы уыдзысты баст.
- Скæсæ партнерады æмæ Евроцæдисы иртасаг æмæ инновациты системæйы æмæ программæты интеграци.
Уымæй уæлдай, саммиты кæрон публикацигонд æрцуæудзæн евроцæдисы уæнг бæстæты цæттæ иумæйаг деклараци, кæцыйы мидæг партнер бæстæты æрдæм Брюсселы сæйраг æрфитæггæгтæ сфиксир уыдзæн.
Текстыл куыст фæцис. Документ абон Тбилисы рæстæгæй 19:00 сахатыл æрцæудзæн публикацигонд.
«Скæсæн Партнерады» саммит афæдзы мидæг иу хатт цæуы уагъд æмæ ацы аз фыццаг хатт цæуы Брюсселы.
Саммиты онг иу бон раздæр, Еврпæйаг советы президент Гуырдзыстоны премьер-министримæ, Украинæйы президентимæ æмæ Молдовæйы премьеримæ фембæлд.