Абон у 9 май, фашизмыл уæлахиздзинады бон. 1945 азы 8 майы, Германи капитуляци райхъусын кæныны фæстæ, Дыккаг Дунейон хæст фæцис. 9 май та, фашизмыл уæлахиздзинады бонæй ссис. Дыккаг дунейон хæст Гуырдзыстоны уæззау фæд ныууагъдта – нæ бæстæ 300 000-ы онг æфсæддоны фесæфта.
Фашизмыл уæлахиздзинады бон, хæсты ветерантæ традиционæй Тбилисы Вакейы паркы, æбæрæг æфсæддоны уæлмæрды цур иу банысан кæнынц, фæлæ ацы аз, фаронау Вакейы паркы цæугæ реабилитацион куыстыты тыххæй, Дыккаг дунейон хæсты фæмардуæвджыты нæмттæ ссардзысты Ветеранты культурæйы æмæ улæфты (Киквидзейы номыл) паркы.
Бакой уын кæндзыстæм, Фашизмыл Уæлахиздзинады бонмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауады барамындæй, Дыккаг Дунейон Хæсты ветерантæн фæйнæ 1000 лари, æрмæст ацы хæсты фæмардуæвджыты бинонтæн 500 ларитæ байуардзысты.