Абон æмæ сом Самебайы  кафедралон аргъуанмæ нæ бауаддзысты медиайы минæвæртты кæд сæм æмбæлгæ аккредитаци нæ уыдзæн
Абон æмæ сом Самебайы кафедралон аргъуанмæ нæ бауаддзысты медиайы минæвæртты кæд сæм æмбæлгæ аккредитаци нæ уыдзæн

Гуырдзыстоны Патриархаты æхсæнадимæ ахастыты  куысты  информацийæ, абон æмæ сом Самебайы  кафедралон  аргъуанмæ нал бауаддзысты  журналситты кæд æмæ сæм æмбæлгæ  акредитаци нæ уыдзæн.

Патриархаты  æхсæнадимæ ахастыты  куысты куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй,  уынаффæ æнæмбарындзинады æмæ аргъуаны ныттынггонд уавæр маруадзынæн   рахастой.

«Знон Самебайы  Патриархон аргъуаны æрцæугæ  вандалон  актæй  рацæугæйæ,  абон æмæ сом  кафедралон  аргъуанмæ  медиафæрæзты минæвæртты нæ бауаддзысты,  кæд сæм æмбæлгæ аккредитаци нæ уыдзæн. Фæнысангонд  уынаффæ хаст у  æнæмбарындзинады æмæ аргъуаны  ныттынггонд уавæр маруадзынæн», – банысан кодтой  Гуырдзыстоны   Патриархаты æхсæнадимæ ахастыты  куысты.

Социалон хызагы абон ахæлиу ис  Матрона Московагы дзуары фото,  кæцыйыл  цъæх ахорæн бакалдтой, афтæма  социалон хызагы  видео ахалиу кодта Ната Перадзе.  МХМ  факты фæдыл  хъуыддаджы фæдагуырд   администрацион барадсасты кодексы  166-æм  статийæ райдыдта, кæцы  лыстæг хулигандзинад дары йæ  хуъыдыйы.