Абхазийы автономон республикæйы хицауады сæрдар, Гиорги Джинчъарадзе, Гуырдзыстоны, Израилы минæвар, Валид Абу Хаяимæ фембæлд
Абхазийы автономон республикæйы хицауады сæрдар, Гиорги Джинчъарадзе базонгæгæнæн фембæлд Гуырдзыстоны Израилы паддзахады уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Валид Абу Хаяимæ сарæзта.
Джинчъарадзе раарфæ кодта израилаг дипломатæн бынатмæ снысан кæныны фæдыл æмæ йын йæ цæст бауарзта æнтыстджын куыст Гуырдзыстоны.
Абхазы хицауады информацимæ гæсгæ, Гиоргий Джинчарадзе минæварæн Абхазы автономон республикæйы хицауады архайд æмæ приоритетты фæдыл информаци базонгæ кодта, афтæ дæр Абхазы оккупацигонд территорийыл уæвæг уавæры фæдыл æмæ адæймагы барты хæлды факттыл фæныхас кодта.
Фембæлды дзырд цыд фидæны фарсыты ‘хсæн æндæр æмæ æндæр здæхтыты æмгуыстады гæнæнтыл.
Абхазы хицауады сæрдар Валид Абу Хайæйæн бузныг расидтис Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады тыххæй Израилы хицауады фарсылхæцындзинад æмæ æмгуыстады тыххæй.