95 азы кары  æрбамард академикъ  Марика  Лорткипанидзе
95 азы кары æрбамард академикъ Марика Лорткипанидзе

96 азы кары  æрбамард академикъ  Марика  Лорткипанидзе.

Информаци уый фæдыл   Фыццаг Каналæн  сбæлвырд кодтой  Лорткипанидзейы  бинонты уæнгтæ.

Марика Лорткипанидзе   раугырд  1922  азы  28 августы  Батумы.  1943  азы  фæцис  Тбилисы   паддзахадон   университеты историйы  факультет.  1947 азæй  куыста   И.Джавахишвилийы   номыл   историйы æмæ  этнографийы  институты   зонадон-кусæгæй.  1948 азæй  куыста Тбилисы  паддзахадон университеты.  Ацы азæй  бахъахъхъæдта   кандидаты диссертацйи   темæйыл  «Тбилисы эмират». 1972  азæй  уыд  ТПУ-йы  Гуырдзыстоны историйы   кафедрæйы сæргълæууæг. Историйы зонæдты  доктор у 1963  азæй (диссертацион темæ-  «Феодалон Гуырдзыстоны политикон баиу»), Гуырдзыстоны  зонадон  академийы  уæнг 1993  азæй.

Публикаци скодта  100  зонадон куысты.  Уырыссаг æвзагмæ аивдта   гуырдзиаг   историон  фыссынады  цырттæ: «Матиане Картлиса»,  Сумбат Давиты фырты  «Цард  æмæ Багратиониты  дуг». Йæ къухдариуæгæй  1996 азы  ТПУ-йы  Гуырдзыстоны историйы   кафедрæйыл сæвзæрдис  Гуырдзыстоны  хъæуты  историйы  бацахуыргæнæг   лабораторий.