91 азы кары йæ цардæй ахицæн Брижит Бардо
91 азы кары йæ цардæй ахицæн Брижит Бардо

Зындгонд францаг актрисæ Брижит Бардо йæ цардæй ахицæн 91-аздзыдæй.Брижит Бардо райгуырд Паризы. Фыццаг архайдта балеты, стæй сси модель æмæ актрисæ. Зындгонд сси киноныв «Æмæ Хуыцау сфæлдыста сылгоймаджы»-йæ, режиссер Роже Вадим.

Бардо ахъазыд 50 кинонывæй фылдæры. Йæ партнертæ уыдысты Ален Делон, Марчелло Мастроянни. Архайдта Жан-Люк Годары кинонывты.

80-æм азтæй фæстæмæ Брижит Бардо у цæрæгойты активон хъахъхъæнæг. 1987 азы уый сарæзта фонд, кæцы хъахъхъæдта цæрæгойты æмæ уый тыххæй æрæмбырд кодта æртæ милуан франкы.