65 Украинæйы æмбæстаг Дарьялы арæныл ахизæн пункты æрыздæхтысты сæ райгуырæн бæстæмæ
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад æмæ украинаг фарсы ‘хсæн дæргъвæтин æмæ бирæвæрсыг бадзырдты фæстиуæгæн, 65 украинаг æмбæстаджы, кæцытæ Дарьялы арæныл ахизæны уыдысты, барвæндонæй æрыздæхтысты сæ райгуырæн бæстæмæ æртыккаг бæстæйы уылты чартерон рейсыл. Уый тыххæй фехъусын кодта Мидхъуыддæгты министрад.
Уагдоны информацимæ гæсгæ, мидхъуыддæгты министрад сифтонг кодта украинаг æмбæстæгты Дарьялы арæныл ахизæн пунктæй Тбилисы æхсæнадæмон аэропортмæ ахæлиу кæнын, цы ран сæ лæвæрдтой украинаг барадхъахъхъæнæг уагдоны минæвæрттæм. Уыдон та сæхи рады сифтонг кодтой Украинæйы æмбæстæгты бортыл æрбадын æмæ сæм æмдзу кæнын чартерон рейсы рæстæджы.
«Бæрæг у, цæмæй Гуырдзыстоны паддзахадон арæныл баззад бæрæг нымæц адæймæгтæ, æмæ гуырдзиаг фарс интенсивонæй адарддæр кæны бадзырдтæ украинаг фарс æмæ дунеон организацитимæ сæ организацигонд, æдас æмæ барвæндонæй сæ райгуырæн бæстæмæ æрыздæхыны фæдыл.
Ныфс нæ ис, цæмæй арæныл баззайæг адæймæгты фæдыл процесс нал фæфæстиат уыдзæн æмæ уыдонæн сæ бон уыдзæн рæстæгыл, тагъд рæстæджы сæ райгуырæн бæстæмæ æрыздæхын.
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад ноджы иу хатт сиды æххæст цæттæдзинад йæ компетенцийы фæлгæтты æппæт æмбæлон мадзæлттæ сæххæст кæнын æмæ украинаг фарсæн баххуыс кæнын Гуырдзыстоны паддзахадон арæныл адæймæгты сæ райгуырæн бæстæмæ раздахыны процессы.
Æхсæнадæн зындгонд куыд у, афтæмæй арæныл ахизæн пункт «Дарьялы» афтæ хуынæг нейтралон зонæйы Уæрæсейы Федерацийæ æрцæугæ 87 адæймаджы уыдысты, кæцытæ æнæраст документтимæ бахатыдысты Гуырдзыстоны паддзахадон арæны сæрты ахизын æмæ сæхи Украинæйы æмбæстæгтæй банымадтой. Паддзахадон æдасдзинады интерестæм гæсгæ, уæлдæр ранымадгонд адæймæгтæн бæстæмæ бацæуыны бар нæ уыд, уымæн æмæ се ‘ппæтæн дæр ис уæззау уголовон хъуыддаг æмæ тæрхонгонд æрцыдысты бирæнымæц уæззау кæнæ уæлдай уæззау фыдракæндты тыххæй. Уымæй дарддæр ма сæм нæ уыд æцæг документтæ, кæцытæ æнæмæнгхъæугæ уыдысты арæны сæрты ахизынæн æмæ нæ дзуапп лæвæрдтой Гуырдзыстоны паддзахадон арæнмæ бацæуыны критеритæн.
Ивгъуыд мæйты дæргъы, Гуырдзыстоны Украинæйы минæварадимæ, афтæ дæр æхсæнадæмон организациты минæвæрттимæ къорд кусæгон фембæлд сарæзта гуырдзиаг фарс. Ацы фарсты æрбæстон кæныны тыххæй спайда кодтой полицийы атташеты хызæй дæр, кæцыйы фæлгæтты Украинæйы Гуырдзыстоны полицийы атташе æмæ Украинæйы мидхъуыддæгты министрады æхсæн бастдзинад сырæзт.
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад æттаг хъуыдтæгты министрад æмæ æппæт æмбæлон паддзахадон уагдæттимæ иумæ йæ компетенцийы фæлгæтты æнæмæнгхъæугæ мадзæлттæ исы, цæмæй иуæй хъахъхъæд æрцæуа гуырдзиаг цæрджыты æдасдзинад æмæ иннæмæй сифтонг кæна афтæхуыйнæг «Нейтралон зонæйы баззайæг адæймæгты зæхмæ æрыздæхт» рæстæгыл сæххæст кæнын», -ис фыст МХъМ-йы раныхасы.