5 февралы Брюсселы сырæздзæн Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоциацидзинады советы рабадт
5 февралы Бельгийы сæйраг сахары уагъд æрцæудзæн Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоциацидзинады советы рабадт. Брюсселы плангонд рабадтæн сæрдариуæг кæндзæн фæсарæн хъуыддæгты æмæ æдасдзинады фарстыты евроцæдисы иуылбæрзонд минæвар, еврокамисы вице-президент Федерика Моггеррини.
Гуырдзиаг делегацийæн къухдариуæг кæндзæн Гуырдзыстоны премьер-министр. Брюсселмæ Гиорги Къвирикашвили министрты кабинеты уæнгтимæ иумæ араст уыдзæн.
Фембæлдыл дзырдæй ралæудзæн Гуырдзыстоны хицауады сæргълæууæг æмæ хыгъдлæвæрдтæ бавдисдзысты ассоциацидзинады бадзырды имплементацийы процессы баст паддзаон уагдæтты къухдариуæггæнджытæ.
Ацы темæйыл Фыццаг Каналы корреспондент Брюсселы Евроцæдисимæ Гуырдзыстоны миссийы разамонæгимæ фæныхас кодта.
«Мах æнхъæлмæ кæсæм ассоциацидзинады советмæ, кæцы сырæздзæн 5 февралы. Фембæлдыл ассоциацидзинады бадзырды мплементацийы процессæн аргълæвæрд сырæздзæн. Уыдзæн ныхас уыцы темæты фæдыл, кæцытæ махæн сты релевантон. Ай у æдадсзинад, конфликтты тематикæ, æдадзсинады фæдыл диалог, кæцыйы райдыдтам Евроцæдисимæ. Фембæлд уыдзæн дыууæ хайæ. Иу у зæгъæм афтæ æхгæд форматы чысыл конфигурацийæ кæцыйыл цæудзæн конфиденциалон диалог æмæиннæ та, кæцыйы уæнг паддзахадтæ дæр райсдзысты хайад. Темæтæ дæр уымæ гæсгæйæ уыдзысты æвзæрст» – хъусын кæны Наталиа Сабанадзе.
Ассоциацидзинады совет у иууылбæрзонд формалон оргæн, кæцы Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоциацидзинады бадзырды фæлгæтты сырæзт бадзырды сæххæсты мониторингы æмæ иумæйагон инетерестæм æмбæлон фарстыты æркæсыны нысанæй.