5 апрелы Сомихы Апостолон Сыгъдæг рæстдинон аргъуан бæрæгбон кæны Зазхæссæн
5 апрелы Сомихы Апостолон Сыгъдæг рæстдинон аргъуан бæрæгбон кæны Зазхæссæн.
Тбилисы Сурб Геворгы кафедралон аргъуаны бæрæгбонмæ гæсгæ, литургий ацыд.
Скуывд комкоммæ трансляцийæ лæвæрд æрцыд Гуырдзыстоны Сомихæгты епархийы веб-фарсыл æмæ Фейсбукы фарсыл.
Адæм аргъуаны тыргъы паддзахады æрдгæй лæвæрд рекомендацитæм æмбæлгæйæ дыууæ метры бæрц дистанцийыл лæууыдысты кæрæдзийæ, аргъуанмæ та мидæмæ æрмæст æртыгай адæймаг цыдис.
Сомихы Апостолон сыгъдæг рæстдинон аргъуаны кæълинадры æгъдауæй, Йесо Чырыстийы рухстауæг Куадзæн 12 апрелы, зазхæссæны бæрæгбонæй, иу къуырийы фæстæ сбæрæгбон кæнынц.