37 азы 9-æм апрелы трагедийæ
37 азы 9-æм апрелы трагедийæ

37 азы рацыд 9-æм апрелы трагедийæ.1989-æм азы 9-æм апрелы райсомæй Советон Гарзджын тыхты дæлхайæдтæ Тбилисы центры Парламенты бæстыхайы цур сабырадон протестон митинг ныппырх кодтой, кæцыйы фæстиуæгæн адæймаг фæмард.

Рейды фæстиуæгæн 21 адæймаг фæмард, сæдæгай æмбæстæгтæ та æбæрæг сконды газæй фæхъæстæ сты.

Фæстæдæр, 1991 азы 9-æм апрелы Уæлдæр Совет расидт Гуырдзыстоны паддзахадон хæдбардзинад сног кæныны тыххæй.

Гуырдзыстоны ногдæр историйы 9-æм апрель фиксиргонд æрцыд куыд трагедийы æмæ уыцы иу рæстæджы Гуырдзыстоны хæдбардзинады сног кæныны бон.

Хъайтартæ, кæцытæ 36 азы размæ фæмард сты: Аза Адамиа – 22 азы; Башалейшвили Натия – 16 азы; Бежанишвили Эка – 15 азы; Нато Гиоргадзе – 23 азы; Долидзе Тамуна – 28 азы; Енукидзе Тина – 70 азы; Тоидзе Нино – 22 азы; Кикъвидзе Заирæ – 61 азы; Манана Лоладзе – 34 азы; Мамулашвили Тамар – 50 азы; Венерæ Метревели – 45 азы; Нозадзе Мамука – 21 азы; Самаргулиани Нана – 41 азы; Квартризилиашвили Шалва – 35 азы; Марина Чкъониа-Самаргулиани – 31 азы; Чипашвили Элисо – 25 азы; Човелидзе Тамар – 16 азы; Джангирашвили Нодар – 40 азы; Джинчъарадзе Мзиа – 43 азы; Мелкадзе Манана – 26 аздзыд æмæ Гия Карселадзе – 25 аздзыд.