36 азы 9-æм апрелы трагедийæ
36 азы 9-æм апрелы трагедийæ

36 азы рацыд 9-æм апрелы трагедийæ. 1989 азы 9 апрелы райсомæй Советон Гарзджын тыхты дæлхайæдтæ Тбилисы центры Парламенты бæстыхайы цур сабырадон протестон митинг апырх кодтой, кæцыйы фæстиуæгæн адæймæгтæ фæмард сты.

Рейды фæстиуæгæн 21 адæймаг фæмард, сæдæгай æмбæстаг та æбæрæг сконды газæй фæхъæстæ сты.

Фæстæдæр, 1991 азы 9-æм апрелы Уæлдæр Совет расидт Гуырдзыстоны паддзахадон хæдбардзинад сног кæныны тыххæй.

Гуырдзыстоны фæстаг историйы 9-æм апрелы фыст æрцыд куыд трагедийы бон æмæ уыцы иу рæстæджы Гуырдзыстоны хæдбардзинады сног кæныны бон.

Хъайтартæ, кæцытæ 36 азы размæ фæмард сты: Аза Адамиа – 22 азы; Башалейшвили Натия – 16 азы; Бежанишвили Эка – 15 азы; Нато Гиоргадзе – 23 азы; Долидзе Тамуна – 28 азы; Енукидзе Тина – 70 азы; Тоидзе Нино – 22 азы; Кикъвидзе Заирæ – 61 азы; Манана Лоладзе – 34 азы; Мамулашвили Тамар – 50 азы; Венерæ Метревели – 45 азы; Нозадзе Мамука – 21 азы; Самаргулиани Нана – 41 азы; Квартрилиашвили Шалва – 35 азы; Марина Чкъониа-Самаргулиани – 31 азы; Чипашвили Элисо – 25 азы; Човелидзе Тамар – 16 азы; Джангирашвили Нодар – 40 азы; Джинчарадзе Мзиа – 43 азы; Мелкадзе Манана – 26 аздзыд æмæ Гия Карселадзе – 25 аздзыд.