33 азы рацыд Абхазийы хæстон архæйдтыты райдайæнæй.
Абхазийы хæстон архæйдтытæ райдыдтой 1992 азы 14 августы, Гуырдзыстоны гарзджын тыхтæ территоримæ куы бахызтысты æфсæнвæндаг бахъахъхъæныны тыххæй. Хæсты сæйраг фазæ ахаста 13 мæйы æмæ 13 боны æмæ фæцис Сухумы ныппырхæй 1993 азы 27 сентябры. Сухумы ныппырхы размæ цыдысты бадзырдтæ фарсыты æхсæн Уæрæсейы хайадистæй.
Сочийы бадзырд бафыст æрцыд 27-æм июлы, кæцы абхазаг фарс иуфарсонæй фехæлдта, гуырдзиаг фарс Абхазæй уæззау æфсæддон техникæ куы систа, уæд.
Хæсты фæстиуæгæн Абхазы территорийæ ацæуын бахъуыд 300 мин адæймаджы бæрц. Хæстон архæйдтыты фæстиуæгæн гуырдзиаг фарсæй фæмард 10 мин адæймаджы бæрц, куыд æфсæддонтæ, афтæ сабыр цæрджытæ дæр.