26 майы, Гуырдзыстоны хæдбардзинады бон, Фыццаг Республикæйы 100 азысæрмæ нывонд бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсынмæ, Гуырдзыстоны президенты инициативæ æмæ хуындæй, Тбилисмæ æрцæудзæн Словакийы президент Андрей Киска.
Гуырдзыстоны президенты администрацийы пресс-куысты информацийæ, бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсын æмæ визиты детæлттæ, Гуырдзыстоны президент Гиорги Маргвелашвили æмæ Андрей Киска телефонон ныхасы рæстæджы æркастысты.
Президентты æхсæн ныхас аххæссыд Гуырдзыстон-Словакийы æхсæн æмгуыстады рапарахаты æрдæм иуыл бæрзонд æмвæзады визитты фæактивон кæныны фарстытæм.
Афтæма, 26 майыАндрей Кискаимæ иумæ, Гуырдзыстонмæ фæуазæг уыдзысты ноджы æхсæз бæстæйы президенттæ.