Гуырдзыстоны Бархионы бон, 26 майы, 100-йæ фылдæр сахары 300-ы онг мадзал ацæудзæн.
Мадзæлттæ сырæздзæн куыд Гуырдзыстоны – афтæ фæсарæнты дæр.
19-20-21 майы парламенты тыргъы культурон изæртæ ацæудзæн. Хæдбардзинады боны раззаг бонты парламент тыргъ байгом уыдзæн цæрджытæн, цы ран импровизацигонд сценæйыл сырæздзæн æндæр æмæ æндæр театралон æмæ музыкалон равдыстытæ. Уый нымæцы Цхинвалы театры спектакль»Али æмæ Нино», равдыст уыдзæн проект «Вальсыты изæр», музыкæ æмæ драмæйы театр та равдисдзæн «Спектакль «Ахицæн».
25 майы Гуырдызстоны националон бибилотекæйы байгом уыдзæн равдысты зал – «Хæдбардзинады зал». Иугæндзонархайæг оригиналон равдыст-композици æртæ хайыл адих уыдзæн – æнудæсæм æнус,1918-1921 азты æмæ советон период. Залы равдыст уыдзæн уникалон мигæнæнтæ æмæ фототæ, æндæр ракурсæй лæвæрд хæдбардзинады идея.
26 майы Гуырдызстоны ахуыргæнинаг-фæсивæды галуаны ацæудæзн театрализгонд инсценировкæ 100 азы размæ æрцæуæ фæзындты тыххæй. Моменты, кæцы рæстæджы дæр растдæр ацы ран Ное Жорданиа расидтис Гуырдзыстоны барзхионы тыххæй.
Афтæдæр лæвæрд æрцæудзæн гала-концерт. Специалонæй концертмæ, фондз номдзыд гуырдзиаг композитор хъауджыдæргонд жанры фæлдисæндтæ скæндзысты, сæдæ азы дих уыдзысты фондз эпохæйыл. Концертæн аккомпанемент дæтдзæн нырыккон гуырдзиаг дирижерон аивады иуæй-иу æнтыстджын минæвар Мириан Хухунаишвили Тбилисы оперæ æмæ балеты академион театры оркестримæ æмæ баллимæ иумæ.
Тбилисы Руставелий ыпроспектыл традиционæй сырæздзæн бæрæгбонон адæмон тезгъо. Проспект дих уыдзæн зонæтыл: сабион, ивхæрсæн, ахуырадон нысаниуæгы, кфетæ, концертон сценæтæ æмæ æндæр. Ацы аз дыууæ базар: Стартап Маркет æмæ базарад 20-æм азты стилы, Сæрибардзинады фæзы цур. Судæгас кæндзысты кафе «Химерион». Сырæздзæн музыкалон равдыст фæсарæйнаг туристтæн. Спектакль «Welcome to Georgia» гуырдзиаг-англисаг æвзæгтыл у æмæ тæлмац æрæцæудзæн субтитртæй.
Регионты та, Кутаисы уынгты, судæгас кæндзысты «Цисперканцъелеби»-ты ( Уæларвгъуызсыкъаджынты) период. Музыкалон æмæ театрализгонд равдыстытимæ. Уынджы кафетæ, европагау формæсконды балконтæ æмæ 20 æнусы райдианы афоны дарæсы конд хъайтартæ, иу бонæй сахары историон хайы æрыздахдзысты богемæйы эпохæмæ. Цисперканцъелебиты уынгмæ бацæуæг уазæг, ивгъуыды афонмæ абалц кæндзæн. Ацы равг сын сцырын кæндзысты артисттæ æмæ музæархайджытæ. Бынæттон гидты æрдгæй рагафонæй бæрæг рæстæджы сырæздзæн туртæ, равдисдзысты историон æрмæджытæ, сæххæст уыдзæн Закариа Палиашвилийы оперæ «Абесалом æмæ Этери» аритæ, классикон музыкъæ.
Мадзæлтты кæрон æппæт Гуырдызстоны масштабæй, сæйраг фæзтыл сырæздзæн уазал фейерверк. Тбилисы йæ æркалдзысты Руставелийы проспектыл хæрдмæтæхæгæй. Афтæдæр радио æмæ телеуынынадон эфирты айзæлдзæн Гуырдзыстоны националон гимн.
Бæрæгбонон мадзæттæ уагъд æрцæудзысты фæсарæнты дæр, Стыр Британийы, Севеноукы – Марджери æмæ Оливер Уордропты хæдзары ацæудзæн культурон-зонадон мадзал «Centenary of Georgia’s Independence and European influences in steps of Wardrops», Берны ацæудзæн Швейцарийы архайæг гуырдзиаг музыкæ архайджыты камерон музыкæйы концерт æмæ равдыст «Гуырдзыстоны фыццаг хæдбар Республикæ».