26-æм май Сæрибары фæзыл [Фото]
26-æм май Сæрибары фæзыл [Фото]

Тбилисы Сæрибары фæзуатыл Гуырдзыстоны хæдбардзинады боны цытджын мадзал сырæзт.

Абон æфсæддонты националон æфсæддон службæйы ногдзаутæ радтой æфсæддон ард æмæ бацыдысты хъахъхъæнынады тыхты рæнхъытæм.

Мадзалы раныхас кодтой Гуырдзыстоны президент Михаил Хъавелашвили, Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх, Мцхета-Тбилисы архиепископ æмæ Бичъвинтайы æмæ Цхум-Абхазы митрополит, Шио III, премьер-министр Ираклий Къобахидзе, парламенты сæрдар,  Шалва апуашвили æмæ хъахъхъæнынады мниистр Ираклий Чиковани.

Уымæй дарддæр ма мадзалмæ æрбацыдысты дипломатон корпусы минæвæрттæ дæр.

26-æм майы, традицимæ гæсгæ, æфсæддон парадтæ сорганизаци кодтой æмæ цæрджытæн фадат уыдзæн Тбилисы æмæ ноджы 20 горæты æфсæддон техникæ, хæцæнгæрзтæ æмæ техникæ фенын.