22 февралæй Тбилисы цæрджытæн 180 ног микроавтобус лæггад кæндзæн
Къуырисæрæй 180 ног микроавтобус балæггад кæндзæн Тбилисы цæрджытæн – уый фæдыл сæйраг горæты мер Каха Каладзе Тбилисы хицауады рабадтыл фехъусын кодта.
Каха Каладзе куыд банысан кодта уымæ гæсгæйæ, мериа зæгъгæ балхæдта 300 микроавтобус, цæуы бур автобусты баивд, кæцытæ комфортон не сты, æмæ сæ алы ресурстæй сæвдæлон сты.
«Ацы микроавтобусты баивды программæ райдыдта, 300 иуæг балхæдтам, 120 нырид рахызтысты маршрутмæ, къуырисæрæй та 180 иуæг микроавтобус рацæудзæн горæтмæ кусынмæ æмæ Тбилисы цæрджытæн лæггад кæндзысты. Нæ транспортон полиикæ бирæ цымидисон компонентæй у. Афæдзы кæрон фæивды процесс æххæст уыдзæн æнæхъæнæй. Балхæдтам автобустæ æмæ ныр æнхъæлмæ кæсæм се рцыдмæ, уый фæстæ горæты бур автобустæ нал змæлдзысты. Къуырисæрæй 180 ног микроавтобус балæггад кæндзæн Тбилисы цæрджытæн» – загъта Каха Каладзе.