2022 азы январæй пенси 20-25 ларийæн  фæфылдæр уыдзæн
2022 азы январæй пенси 20-25 ларийæн фæфылдæр уыдзæн

 

2022  азы  бюджеты проектмæ гæсгæйæ, 2022  азы  январæй, 70  адзыд кары онг  уæнгты пенси 20  ларийæ, æрмæст 70 азæй  хистæрдæр кары пенсионертæн  фæфылдæр уыдзæн 25 ларийæ.

«Паддзахадон пенситы  фæдыл» закъонмæ гæсгæйæ,   70 аздзыд кары онг  уæнгты пенси  хъуамæ  фæфылдæр уа  12 мæйы  инфляцийы  астæуккаг бæрæггæнæнмæ гæсгæйæ, фæлæ  æнæкъаддæр 20 ларийы бæрц.  Статистикæйы  националон куысты    сентябры  публикацигонд  бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ,   фæстаг 12 мæйы  астæуккаг инфляци  6,4% -ы бæрц  у.  Уый тыххæй, цæмæй фæнысангонд бæрæггæнæнæй  пенсийы   рæзт къаддæр  у  законæй бæрæг  минималон 20 ларийæ,   законмæ  æмбæлгæйæ,  январæй  пенсий  20 ларийæ фæуæлдай уыдзæн,  æмтгæй  райсгæйæ  та  260 ларийы бæрц  уыдзæн.

Ацы  закъонмæ гæсгæйæ, 70 аздзыд æмæ фылдæр кары  уæнгтæн  пенси  хъуамæ  фæфылдæр уа  12  мæйы астæуккаг   инфляцийы  æмæ фæстаг 6  кварталы  æмтгæйон мид продукты  рæзынады  бæрæггæнæны астæуккаг   арифметиконы 80%  суммæйæ.

Уый тыххæй  цæмæй  æмбæлгæ  формулæйæ пенсийы рæзт къаддæр у  бæрæг минималон 25 ларийæ,   ацы  цауы  дæр   законмæ æмбæлгæйæ,    пенси 25 ларийæ, 300  ларийы  онг фылдæр кæны.  Æмтгæй райсгæйæ та,  бюджеты  пенсион  инфтонгадæн   фыст æрцыд  2, 885  миллиард лари.