2022 азы январ-июлы Тбилисы аэропорт балæггад кодта 1 515 988 бæлццонæн, Батумы аэропорт та  313 036  бæлццонæн
2022 азы январ-июлы Тбилисы аэропорт балæггад кодта 1 515 988 бæлццонæн, Батумы аэропорт та 313 036 бæлццонæн

2022  азы январ-июлы, Тбилисы æхсæнадæмон  аэропорт балæггад кодта  1 515 988 бæлццонæн, кæцы  у  121,56%-æ фылдæр  2021  азы  аналогион периодимæ  абаргæйæ.

«Тав Джорджиайы» информацийæ,   абоны бонмæ, Тбилисы æхсæнадæмон   аэропорты  35 авиакомпани 38 æрдæмадæй  æххæст кæнынц  рейстæ.  Батумы æхсæнадæмон аэропорт январ-июлы периоды ауагъдта  313 036  бæлццоны, кæцы ивгъуыд азы  уыцы   периоды  бæрæггæнæнтæй, 35,37%-æй  фылдæр у.  Сæрды  сезоныл  Батумы æхсæнадæмон   аэропорты  21 аваикомпани  17 æрдæмадæй   æххæст кæнынц  рейстæ.

«Тав Джорджиа»  у TAV Airports Holding –ы дæлбар компани. Йæ  куыст Гуырдзыстоны 2005 азы  райдыдта  æмæ  архайæг  контрактæй, 2027 азы онг аххæсдзæн.

Гуырдзыстоны  сæххæст  220 милуан АИШ доллары инвестиийы фæстиуæгæн, 2007 азы  эксплуатцимæ бацыд   Тбилисы æмæ Батумы  æхсæнадæмон аэропортты   ног   бæлццонон терминалтæ.