2020 азы контрбæрæгдзау департамент райдыдта фæдагуырд тугтæрхоны барады 12 хъуыддагыл, падздахадон æдадсзинады департамент та 5 хъуыддагыл
Фæсарæйнаг бæстæты спецкуыстытæ, уыдоны дæлбар кæнæ финансон активондзинæдты æмæ компаниты фæрцы архайдтой бæстæйы мидполитикон процессты æмæ æхсæнадон цардуагы комкоммæ кæнæ фæрссагæй хифæтъыссын, афтæдæр сæн нысан уыд конституцион сæрфад фехалын æмæ паддзахадон системæты куыст фæкуылымпы кæнын, – фæнысангонды фæдыл паддзахадон æдасдзинады куысты хистæры фыццаг хæдивæг 2020 азы хыгъдлæвæрд бавдыисыны рæстæджы загъта.
Алекси Батъиашвилийы дзырдæй, зæгъгæ сфиксир ис нысаниуæгджын процесстæм бандавыны æмæ сызмæнтыны архæйдтæ, уыдис дзы æхсæнадон хъуыдыйы манипуляцийы фæндагæй, цæрджыты ныддих кæныны æмæ поляризацийы æрдæм архæйдтæ.
Батъиашвили куыд банысан кодта афтæмæй, 2020 азы куысты контробæрæгдзау департамент райдыдта фæдагуырд тугтæрхоны барады 12 хъуыддагыл, паддзахадон æдасдзинады департаменты та – тугтæрхоны барады 5 хъуыддагыл.
«Уыимæ иумæ, ивгъуыд азы фæнысангонд департаментты амалгонд оперативон инофрмацийыл æнцойæ, æндæр фæдæвзарæг уагдæтты райдыдта фæдагуырд цалдæр дæсой хъуыддагыл. Ацы рæстæджы хицæн бæстæтæ, сæрмагонд геополитикон нысæнттæм баххæссыны фæндæй, дарддæр кодтой бæстæйы æддагон политикон курсыл негативон бандавын.
Гуырдзыстоны хæдиргъæфы системæты НАТО-ы стандарттæм баввахс кæныны процессы, фæнысангонд акторты сæрмгаонд интересы темæ уыд нæ бæстæйы æфсæддон фæрæзтæ æмæ хъахъхъæнынады сферæйы цæугæ активондзинæдтæ. 2020 азы æдасдзинады куыст, активонæй дарддæр кодта Гуырдзыстоны гарзджын тыхты контрбæрæгдзау мадзæлттæй ифтонг кæнын æмæ фæсарæйнаг бæстæты спец-куыстыты рцæугæ æртъхъирæны нейтрализаци», – банысан кодта Алекси Батъиашвили.