Гуырдызстоны премьер-министры, Гиорги Гахариайы информацийæ, 2020 азæй, пенси 20-30 ларийæ фæуæлдай уыдзæн.
Уый фæдыл Гиорги Гахариа хицауады абоны уæлрадон рабадтыл райхъусын кодта.
«Принципты æмвæзадыл, нæ бон у зæгъын, цæмæй 2020 азæй бюджеты нымадмæ ист у алы пенсионерæн афтæдæр 18 азы онг кары æмæ фыццаг æмæ дыккаг къорды амалхъомдзинад цуз уæнгтæн 20 ларийæ пенситæ фæуæлдай кæнын.
Уымæй дарддæр ма афтæдæр фыццаг июлæй 70 азæй хистæр пенсионертæн, уæлæмхасæй 30 ларийæ пенсийы фæуæлдай кæнын у плангонд, кæцы уый нысан кæны, цæмæй фидæн азы бюджеты ацы къорды æмбæстæгтæн се пенситæ фæуæлдай уыдзысты 50 ларийæ» – райхъусын кодта ГиоргиГахариа.