2019/2020 азы зымæджы сезон  æмæ пълантæ
2019/2020 азы зымæджы сезон æмæ пълантæ

2019/2020  азты   зымæджы  сезоны  æрбаввахсмæ  гæсгæ, Гуырдзыстоны   къахдзонгъыон спорты  федераци    прессконференци ауагъдта,  кæцыйыл   хайадисджытæ 2019/2020  азмæ пълангонд   мадзæлттыл тыххæй   фæныхас кодтой.

Гуырдзыстоны  къахдзоныгъон  спорты   федерацийы президент   Зураб Къостава   Бакуриан 2023  азы   Фристайлы   дунейы чемпионаты   фæдыл   деталон информаци  бавдыста æрымбырдуæвджытæн.  Базонын сын кодта  техникон  ньюанстæ æмæ   организацион фарстатæ.  Ацы аз  фыццаг хатт гуырдзыстойнаг чызг, Гобозты Эсмеральда,    трамплинæй гæпп кæныны  юниорты   æхсæн Дунейы  чемпионатыл рацæуыны бар рамбылдта. Ацы  фактæй тынг  райгонд стæм  æмæ  нæ  фæнды  æнтыстытæ  йын ракувæм», –  райхъусын кодта Къостава.

2023 азы   Дунейы  чемпионаты  фæлгæтты  2020 азы  29  февралы  æмæ  1  мартъийы   Гудаурийы  FIS-ы  фристайлы   Европæйы   кубокы  этаптæ, сноуборды,  параллелон  слаломы  æмæ   параллелон гигантон слаломы   ацæудзысты.   Ацы  хуызты ерыстæ  Гуырдзыстоны  фыццаг  хатт  ацæудзысты.