2017 аз коммерцион авиакомпаниты историйы уыдис сеппæтæй æдас. Уый тыххæй информацийы хæлиу кæны ВВС.
Голландиаг консультацион компани То70-ы æмæ авиацийы æдас хызагы иртасæнмæ гæсгæ, ивгъуыд аз дунейы бæлццонон лайнерты æрхауды иунæг факт дæр не сфиксир ис.
Афтæдæр райрæзт тахтыты нымæц.
Авиацийы æдас хызагы иртасæнмæ гæсгæ, 2017 азы æдæппæт 10 фаталон инцидент сфиксир ис кæцыты амæттаг æссис 79 адæймаг.
2016 азы æрцæугæ 16 цауы фæстиуæгæн та фæмард 303 адæймаг.
Фæнысан кæнинаг у, цæмæй ацы ратгæтæ æххæссынц уыцы бæлццонон лайнертæм, кæцытæн иууыл цъус 14 адæймагы аласыны сертификат ис.
2017 азы сеппæтæй трагикон цау æрцыд январы, туркаг уæзласæн хæдхæтæг Хъиргъизы иуæй-иу хъæуы куы архаудта, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард бортыл уæвæг экипажы 4 уæнг æмæ аварийы бынатыл уæвæг 35 адæймаг.
Иртасæны бавдыст бæрæггæнæнтæ не æххæссынц æфсæддон хæдтæхджыты æмæ хæрдмæтæхджыты инциденттæм.