200-йы онг лæгджын арæнæвæрд æвзæрстытимæ баст мадзæлттæм нæ бандавдзæн. Уый фæдыл хицауады администрацийы хистæр, Натиа Мезвришвили координацион советы рабадты фæстæ фехъусын кодта.
Мезвришвили æвзарæнон субъекттæм æрсидтис, ахæм мадзæлттыл сифтонг кæной дыууæ метры бæрц дистанци хъахъхъæд æмæ маскæ дарыны фæткæвæрд æххæсткæнынад.
«Æмбарæм, разæвзарæнон кампани кæй цæуы, уый æмæ 200-йы онг лæгджын арæнвæрд, кæцы æххæссы культурон æмæ спортивон мадзæлттæм, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ бандавдзæн æвзарæнон агитацимæ æмæ æвзарæнон процесстимæ баст мадзæлттæм. Фæнды нæ æвзарæнон субъекттæм фæдзурын, цæмæй равдисой бæрзонд æмбæстагон бæрн æмæ максималонæй æххæст кæной фæткæвæрд, кæцы йæ хъуыдый дары дыууæ метры дистанци хъахъхъæнын, афтæма маскæ дарын», – райхъусын кодта Мезвришвили.