13 февралы  Радиойы Дунейон Бон банысан кæнынц
13 февралы Радиойы Дунейон Бон банысан кæнынц

 

Радиойы  Дунейы  бон  ацы  азы  дыууадæсæм хатт  банысан кæнынц.  «Радио æмæ Сабырдзинад»,  – уый у  2023 азы  радиойы  дунейы  боны  сæйраг идея.

13 феврал  Юнеско  Радиойы Дунейон Бонæй  2011  азы райхъусын кодта. 1946 азы  растдæр ацы  бон  сæвзæрдис  ИНО-йы   радио.

Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналы  генералон директор, Тинатин Бердзенишвилийы  фидиуæнæй Фыццаг Канал  Радиойы Дунейон Бон  нысан кæны æрвылазонæй.

«Ацы азы  слоган   у  «Радио æмæ Сабырдзинад», кæцы  æхсæнадæн Радиойы    рол  нысаниуæг  хахх кæны.   Фæлтæрддзинад   куыд æвдисы,  Æхсæнадон Уацхæссæг, куыд   æхсæнадæн бæлвырд æмæ   æууæнкаг  информаци  дæттæг,  сæрмагонд  рол  æххæст кæны  æдас  уавæр саразыны.   Ацы рол сегасдæр  фылдæр  акцентиргонд у  йеуæд, æхсæнады сæрмагонд аууæлттæ  куы ис: массивон  змæстытæ, хæст, пандеми, уæлвæтк уавæр æмæ а.д.

Украинайы цæугæ   хæсты рæстæджы, Фыццаг Канал  къундæг æмкуыст кодта   æмæ   æмкуыст кæны   Украинайы  Æхсæнадон Уацхæссæгимæ.   Европæйы  Уацхæссджыты  Цæдисы  æмархайдæй,  абоны онг    бирæ   иуæймаг  проект   сплан ис  æмæ  сыххæст ис  украинаг адæмы  фарсдарынæн. Уый нымæцы   сæрмагонд    растдæр   радиопроекттæ  уыд», – райхъусын кодта  Тинатин Бердзенишвили.

Дунейы  фыццаг хатт,  регулярон радиоуацæссынад Америкæйы Иугонд  Штаты, Питсбургы, 1921  азы ноябры  райдыдта.

Гуырдзыстоны фыццаг Радиосигнал  1925 азы  уыд лæвæрд. Гуырдзыстоны Радио  иуæй-иу  сеппæтæй   рагон у  æмæ уый нырид    98 азы  иузæрдыг кусы  йæ хъусджытæн.