13 адæймаджы фæмард сты уæрæсейы тыхты. Запорожемæ бабырсты фæстиуæгæн
13 адæймаджы фæмард сты ,18 æмбæстаг фæцæф сты, уыдонæй цыппары уавæр уæззау у. Уый фæдыл хъусын кæны Запорожейы районы æфсæддон администрацийы сæргълæууæг Иван Федоров.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, уæрæсейаг æфсæддонтæ горæтмæ бабырстой дыууæ уæлдæфон бомбæйæ.
Районы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, бырсты нысан уыд Шевченковы район. Кадрты зыны, цæмæй хъыгдард сты микроавтобусы такси, трамвай æмæ бирæуæладзыгон бæстыхай.