Гиорги Канделаки - Хицауад ивд куы æрцуæдзæн, æхсæнад æрныхас кæндзæн, цы формæйæ адарддæр кæна кусын Æхсæнадон Уацхæссæг, кæд ма баззайа уæд
Сымах фестадыстут фидиссаг пропагандистон машинæйæ , фæлæ уый дæр рараст уыдзæн фидæны, хицауад ивд куы æрцæудзæн, уæд æхсæнад æрныхас кæндзæн, цы формæйæ æмæ куыд хъуамæ дарддæр кæна Æхсæнадон Уацхæссæг кусын, кæд дарддæр кæндзæн уæд, – уый фæдыл «Европаг Гуырдзыстоны» уæнг депутат Гиорги Канделаки Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы журналистæн загъта, кæцы Канделакийы знон ЦÆК-ы бæстыхайы цур айтынггонд фæзындты фæдыл фарста.
«Кæд дзы исчи æмбондыл сбырыд æмæ ахызтис иннæрдæм, уæд пъæлицæйы ничи хъыгдардта, цæмæй уыцы конакретон адæймагы баурæдтаит», – загъта Гиорги Канделаки.
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы журналисты фарстыл, цæмæй æмбондыл æрмæтс иу адæймаг не сбырыд зæгъгæ, Гиорги Канделаки дзуапп ратта:
«Фидиссаг, æлгъаг, пропагандистон Фыццаг Каналы фарстытæн афтæ комкоммæ не сцыт кæндзынæн, худинаг уæм хъуамæ кæсид, ацы телеуынынады куы кусут, уый тыххæй. Худинаг уæм хъуамæ кæсид, уымæн æмæ уæ телеуынынад фестад пропагандистон машинæйæ, уый уыны æхсæнад. Сымах дæр æвзарут фарстытæ, æз та æвзарын дузаппытæ. Сæ нымæцы уæ худинаггаг телеуынынадæн аргълæвæрд дæр. Тынг фидиссаг телеуынынад. Ныууадзут мын аргълæвæрды бар. Уый у æхсæнады аргълæвæрд. Аргъ раттыны бар мын ма байсут нырма уæддæр.
Уæ хицау, кæцыйы цагъарæй ссис уæ телеуынынад, сæрибардзинады мур дæр нæй уæ фидиссаг телеуынынады, кæцыйы финансдзинад цæуы нæхи, æхсæнады дзиппæй ист æхцайæ. Сымах фестадыстут фидиссаг пропагандистон машинæйæ. Фæлæ уый дæр рараст уыдзæн фидæн æнæмæнгæй. Хицауад ивд куы æрцæудзæн, уæд æхсæнад æрныхас кæндзæн, цы формæйæ хъуамæ адарддæр кæна Æхсæнадон Уацхæссæг кусын, кæд ма бынтон адарддæр кæна, уæд», – райхъусын кодта Гиорги Канделаки.