12:00 сахаты æрбадæттæгтæм гæсгæ, парламенты астæугкаг æвзæрстыты æвзарджыты активондзинад 24, 33 % баххæсыд
12:00 сахаты æрбадæттæгтæм гæсгæ, парламенты астæугкаг æвзæрстыты æвзарджыты активондзинад 24, 33 % баххæсыд
54-æм мажоритарон районы, 12:00 сахаты æрбадæттæгтæм гæсгæ, парламенты астæугкаг æвзæрстыты æвзарджыты активондзинад 24, 33 % баххæсыд – уый фæдыл ЦÆК –ы брифингыл раисдтысты.
ЦÆК-ы информацимæ гæсгæ, ацы рæстæгмæ сæрмагон æвзæрст 11 708 æвзарæг сфиксир кодта.
Æнæхъæнæй 60 æвзарæнон сыхыл 48 123 æвзарæг у регистриргонд.
Рымысын уын кæндзыстæм законмæ гæсгæ, абон халæппæрсты бæстыхайы агитаци у тобæгонд.
Ваны æмæ Хобы æвзарæнон сыхтыл парламенты астæугкаг æвзæрстытæ цæуынц
Ваны æмæ Хобы парламенты астæугкаг æвзæрстытæ цæуынц. Æмбæстæгтæ 54-æм мажоритарон æвзарæнон сыхыл парламенты Ван æмæ Хобы мажоритары æвзарынц.
54-æм æвзарæнон зылды 60 æвзарæнон сых байгом, кæцыйы 48 123 æвзарæг у регистриргонд.
28-æм апрелы æвзæрстытæ фондз политикон субъект æмæ иу инициативон къорды æвдыст кандидат исынц хайад.
2- «Бакрадзе, Угулава – Европон Гуырдызстон» – Гиоргий Угулава
17- «Гуырдзыстон» Гиоргий Лилуашвили
- «Традиционалисттæ» – Зураб Картвелишвили
- «Ног христиан-демократтæ» – Мамука Тускадзе
- «Гуырдзийаг бæллиц- демократион Гуырдзыстон» – Гиви Чъичъинадзе
- Инициативон къорд – Васил Къопалиани.