12 май Гуырдзыстон Æппæтысыгъдæг Мадмайрæмы хайон бæстæ кæй у, уыцы бон – ныфсы бонæй расидтæуыд
Парламент «Куысты кодексы» æрцæтттæгонд ивдтытæ сбæлвырд кодта, кæцытæм гæсгæ, Сыгъдæг Андриа апостолы номарæн бонимæ иумæ 12 май – Гуырдзыстон Æппæтысыгъдæг Мадмайрæмы хайон бæстæ кæй у, уыцы бон – ныфсы бонæй расидтæуыд.
Фарста æртыккаг кастæй абоны уæлрадон рабадтыл æркастысты, ивдтытæ, хицауады парламентон нымæрдар Натиа Микеладзе бавдыста. Закъонопроектæн ысхъæлæс кодтой 96 депутаты.
12 майы уыд Сыгъдæг Андриа апостолы номарæн бон, цæй тыххæй ацы бон улæфты бон уыд. Ивдтытæ хицауад сбæлвырд кодта, кæцы æмбарын кæны, цæмæй дыууæ мин азы дæргъы Гуырдзыстон Мадмайрæмы хайон бæстæ кæй уыд уый уырнынад, фылдæр хайæ фæбæрæг кодта бæстæйы хæдбындурдзинад, культурæ æмæ историй.