12 май Гуырдзыстоны бæрæгбон кæнынц Сыгъдæг Андриа апостолы  номарæн бон æмæ Гуырдзыстон Æппæтысыгъдæг  Мадмайрæмы хайон  бæстæ кæй  у,  уыцы бон
12 май Гуырдзыстоны бæрæгбон кæнынц Сыгъдæг Андриа апостолы номарæн бон æмæ Гуырдзыстон Æппæтысыгъдæг Мадмайрæмы хайон бæстæ кæй у, уыцы бон

12  майы Рæстдинон  аргъуан  бæрæгбон кæны  Сыгъдæг Андриа  апостолы  номарæн бон æмæ Гуырдзыстон Æппæтысыгъдæг  Мадмайрæмы хайон  бæстæ кæй  у,  уыцы бон ма  афтæдæр  хонынц  Ныфсы бонæй.

Евангелимæ  гæсгæйæ,  Сыгъдæг Апостол Андриа   уыдис  апостол Петры  æфсымæр. Йесо Чырысти   апостолтæй  фыццаг  Андримæ  æрсидтис, æмæ йæ  уый тыххæй хонынц  Фыццагсидтонæй. Ралæвæрдмæ гæсгæйæ  Сыгъдæг апостол  фыццаг æрбахыз Дидачъарамæ.

Сыгъдæг Синод 2018 азы  рахаста  уынаффæ, ома 12  май, Гуырдзыстон Æппæтысыгъдæг  Мадмайрæмы хайон  бæстæ кæй  у,  уыцы бонæй снысан уыдаит  æмæ  йæ  расидын  национ бæрæгбонæй.  2019 азы  хицауадмæ  сидты  фæстиуæгæн, Гуырдзыстоны парламент «Куысты кодексы»   æрцæтттæгонд    ивдтытæ   сбæлвырд кодта, кæцытæм гæсгæ,  Сыгъдæг Андриа  апостолы  номарæн бонимæ иумæ 12  май – Гуырдзыстон Æппæтысыгъдæг  Мадмайрæмы хайон  бæстæ кæй  у,  уыцы бон, – ныфсы бонæй   расидтæуыд.

Сыгъдæг Апостол Андриайы номарæн бон Гуырдзыстоны Рæстдинон Аргъуан  афæдзы мидæг   дыууæ хатты  сбæрæгбон кæны – 12  майы  Сыгъдæг Апостолы Гуырдзыстонмæ  æрбахызты бон, æрмæст 13 декабры та  йæ мæлæты  бон.