Фыццаг январæй, 10-æм январы онг паддзахадон секторы кусджытæн уыдзысты улæфгæ бонтæ, – уый фæдыл æхсæнуагдонон координацион советимæ архайæг операцион штабы хистæр Гиорги Гъибрадзе, координацион советы рабадты фæстæ райхъусын кодта.
Уый ма банысан кодта, цæмæй ацы уаг æххæссы паддзахадон уагдæттæм.
«Скъолаты каникултæ уыдзæн 29 декабрæй 17 январ хынцгæйæ. Уый æддæмæ ма совет рахаста уынаффæ, ома улæфгæ бонтæ æрбайса 10 январы онг периоды, 1-аг январæй райдайгæ, уый æххæссы æрмæст паддзахадон уагдæттæм, хицæн секторы та сæхæдæг хъуамæ рахæссой уынаффæ», – райхъусын кодта Гъибрадзе.