Януш Герман –тынг нысаниуæгджын у, цæмæй зонæм, мах нæ кусæм Гуырдзыстонимæ æрмæст иу форматы
Януш Герман –тынг нысаниуæгджын у, цæмæй зонæм, мах нæ кусæм Гуырдзыстонимæ æрмæст иу форматы

Тынг нысаниуæгджын у, цæмæй зонæм, мах Гуырдзыстонимæ æрмæст иу форматы нæ кусæм. Хурскæсæн парнерады ис иу рæнхъ, фæлæ махмæ афтæ дæр ис дыууæфарсон формат дæр –уый фæдыл Евроцæдисы минæвар Гуырдзыстоны Януш Герман раисдтис. Минæвар банысан кодта, цæмæй ассоцирдзинады бадзырд Евроцæдис æмæ Гуырдзыстоны æхсæн дыууæфарсон бадзырд у, кæцы нæу хурскæсæн партнерады хай æмæ партнердзинады фондз æндæр хайадисæгимæ нæу баст. Йæ ныхасмæ гæсгæ,  æнæвизон режимы бадзырд дæр. «Виза-либерализаци нæ среализ ис хурскæсæн партнерады форматы. Мах нæ æрфыстам нæ къух виза-либерализацийы документыл парнерады цалдæр бæстæимæ, кæцытæ афтæ дæр сты хурскæсæн партнерады хай. Кæй зæгъын æй хъæуы æхсæз бæстæйы æхсæн тынг сериозон хъауджыдзинад ис æмæ хуымæтæг у, ис иухызондзинад дæр æмæ хурскæсæн партнерад раст дæр уымæн уыд арæзт, цæмæй ацы иухызондзинад диапазоны кусын кæнæм. Ис фарстатæ, кæцыты æмкуыстдзинад æнæмæнг у. Уыдон сты инфраструктурайы сарæзт, иу æрдыгæй, Евроцæдис æмæ партнерады 6 бæстæйы æхсæн, фæлæ афтæ дæр сæрмагондæй ацы бæстæты æхсæн. Цæмæй фæарфдæр кæнæм базарад у æнæмæнг æмкуыстдзинад, кæцы кæй зæгъын æй хъæуы æрхæсдзæн æфтиаг æмæ позитивонæй смыхуыр уыдзæн стабилондзинадыл дæр. – сиды Герман.