Федерика Могерини –Евроцæдис баххæсдзæн уымæ, цæмæй Ираны ядерон бадзырд алы фарс сыххæст кæна

Евроцæдис баххæсдзæн уымæ, цæмæй Ираны ядерон бадзырд алы фарс сыххæст кæна  -уый фæдыл Евроцæдисы æттаг хъуыдтæгты куысты къухдариуæг расидтис. Федерика Могеринийы ныхасмæ гæсгæ, ядерон бадзырд у европон æмæ æппæтдунеон бирæфарсон дипломатийы нысаниуæгджын документ, кæцы æхæхст кæны. 9-æм ноябры  ядерон бадзырды фæдыл коментар Францы президент дæр сарæзта. Эмануель Макрон расидтис, цæмæй 2015-æм азы историон бадзырды фæдыл æнæмæнг сты дарддæр къахдзæфтæ æмæ уый тыххæй снысангонд бадзырд ма хъуамæ санулир уа.