Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг – Уæрæссе, Цæгат Кореяйы ныхмæ æххæст эмбаргойæн йæ фарс никуы рахæцдзæн
Уæрæссе Цæгат Кореяйы ныхмæ æххæст эмбаргойы фарс никуы рахæцдзæн – уый фæдыл Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг загъта.
Сергей Рябковы ныхæстæм гæсгæ, санкцитæ æмæ сæрмагондæй блокадæ нæу уыцы фæндаг, кæцыйæ Уæрæсе æхсæнадæмон аренæйыл пайда кæны.
Уырыссаг дипломат хъуыды кæны, цæмæй ИНО-йы æдадзсинады советы резолюциты халын æмæ Цæгат Кореяйы провокацион архæйдтытимæ баст проблемæтæ хъуамæ аскуыддзаг уой альтернативон мадзæлттæй.
Азиаг турнейы уæвæг АИШ-ы президент, Дональд Трамп, Уæрæсемæ æрсидтис Цæгат Кореяйæн фарсхæцын фæуромынмæ æмæ банысан кодта, цæмæй Мæскуы Пхеньянимæ экономикон бастдзинад хъуамæ аскъуына.