Тенгиз Пхаладзе –Гиоргий Маргвелашвилийы фæмбæлд Польшайы президентимæ, уыцы стратегион диалогы адаргъ у, кæцы Тбилисы райдыдта
Тенгиз Пхаладзе –Гиоргий Маргвелашвилийы фæмбæлд Польшайы президентимæ, уыцы стратегион диалогы адаргъ у, кæцы Тбилисы райдыдта. Уый фæдыл æппæтдунеон æммахастыты фарстаты президенты амонæг Тенгиз Пхаладзе расидтис. Йæ ныхасмæ гæсгæ, президентты фембæлды рæстæджы уыдысты каст фидæн къахдзæфтæ. «Майы мах стратегион партнерад æмæ æммахастыты алы сферайы фæарфдæрыл бадзырдтам. Нысаниуæгджын у Гуырдзыстоны европон æмæ евроатлантикон интеграци. Фæныхас кодтам уыцы къахдзæфтыл, кæцытæ иумæйагæй хъуамæ сывæрæм. Польшаимæ иумæ кусæм, Тбилисы конференцийыл, кæцы йæ зæрдыл дары æмкуыстдзинады алы сфера. Ноябры саммитыл мах фæнды райсæм максималон фарсылхæцындзинад. Политикон текст, кæцы лидертæ райсдзысты æмæ афтæ дæр уыцы практикон фæстиуджытæ, кæцытæ хъуамæ мах баввахс кæной евроинтеграцимæ» – банысан кодта Пхаладзе.