Страсбургы, демократийы дунейы форумы бæрæгбойнонæй байгом кодта ансамбль «Шавнабада»

Страсбургы, демократийы æхсæзæм  дунейы форумы бæрæгбононæй байгом кодта  ансамбль «Шавнабада». Ансамбль рацыд, Европæйы советы  галуаны,  форумы хайадисæг лидерты, æхсæнадон архайджыты  æмæ сæдæгай   æрыгонты раз.  Сахат æмæ æрдæгæй  фылдæр рæстæджы концертон программæйæ, «Шавнабада»-мæ лæвæрд æрцыд  20 минуты бæрц.

Сæрмагонд аплодисменттæ расдтис Евроцæдисы гимны бынтон æндæргъуызон версий.   Людвиг ван Бетховены  фарастæм  симфонийы  фæстаг хайы ног версийы  ногæй бакуыста  композитор Миша  Мдинарадзе.

Гуырдзиаг зарæггæнджытыл  аудиторий амбæлд  дæргъвæтин  овацитæй.   Форумы  хайадисджыты аргълæвæрдæй,  уый уыд  гармонийы  æмæ иудзинады æцæг бæрæгбон.

«Шавнабада»  дунейы форуммæ, Тбилисы политикон  ахуыры  скъолайы  инициативæйæ æмæ Европæйы  советы  хуындæй ныццыд.