Сомихы президент Серж Саргсяны расидæнмæ гæсгæ, Гуырдзыстон алы хæслæвæрд намысджынæй æххæст кæны. Уый фæдыл Серж Саргсян BFM.Ru-имæ интервьюйы расидтис. Журналист, Сомихы президенты бафарста, хъыгдары æви нæ Гуырдзыстоны, Сомих æмæ Уæрæсейы æхсæн базарадон æммахастытæн, йæ территорийыл кæй цæуынц товартæ. Сргсяны ныхасмæ гæсгæ, ахæм цау нырма никуы уыд. «Гуырдзыстон сыхагон æмæ партнерон хæлсæвæрдтæ намысджынæй æххæст кæны». Иунæг барьер у, фæндагы хъæд хоххон районты, къæвда, дымгæ, мит æмæ афтæ дарддæр. Ныр мах хъуыды кæнæм, куыд саразæм ног фæндаг» -сиды Саргсян. Йæ ныхасмæ гæсгæ, Сомихæн абон Евразион цæдисы уæнгтимæ базарадæн, æрмæст Гуырдзыстоны территорийыл цæугæ фæндаг ис. Сомихы президент афтæ дæр коментар сарæзта Евроцæдисимæ ног бадзырдыл къухфыстыл, кæцыйы Сомихы президент ноябры, Брюселы æрфысдзæн йæ къух. Саргсяны ныхасмæ гæсгæ, ацы документ экономикамæ нæ хауы.