Сауды Аравийы ахст принц у Гуырдзыстоны цытджын æмбæстаг
Сауды Аравийы ахст принц у Гуырдзыстоны цытджын æмбæстаг

Сауды Аравийы коррупцийы  аххосагæй  ахст  принц  у Гуырдзыстоны æмбæстаг.  Ал-Валид бин Талал бин Абдул Азиз Ал-Сауд, 2015 азы  Тбилисы уыд 13 ибны стихийы æртæ бон размæ, уый фæстæ та Гуырдзыстонæн  рауæлдай кодта 300 мин   доллары.   Растдæр йеуæд  йæм æрцыд лæвæрд  цытджын æмбæстагдзинад.    Визиты сæйраг нысан уыд Гуырдзыстоны инвестицион  потенциалы  бацахуыр кæнын.

62 аздзыд  принц, дунейы   иуæй-иу сегасæй  исджын адæймаг у.

Сауды Аравийы  11  принцы æрцахстой коррупцийы  аххсоагæй. Афтæдæр ахст сты  цыппар министр.  Арабаг медий куыд хъусын кæны афтæмæй,  паддзахон  мыггаджы уæнгты азымджын кæнынц, хæцæнгарзæй æнæзакъонон  базаркæныны æмæ хцайы ссурс кæныны.