Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили, поэт Джансугъ Чарквианийы бинонтæн тæфæрфæси ракодта.
Самебайы кафедралон аргъуаны, Джансугъ Чарквианийы панихидæмæ бацыдысты премьер-министр Гиорги Квирикашвили, Гуырдзыстоны культурæйы æмæ цыртты хъаххъæды министр Михеил Гиоргадзе æмæ Тбилисы ногæвзæрст мер Каха Каладзе.
«Тынг хъынцъымаг у ахæм поэты абæстæйæ ацыд. Джансугъ Чарквиани уыд уыцы поэтты плеядæйы минæвар, кæцытæ æнæхъæн эпохæ сарызтой. Йæ тыхджын ныхас æцæгдæр стыр рæстæг баззайдзæн гуырдзиаг адæмы зæрдæты. Зæрдæрыстæй тæфæрфæс кæнын йæ бинонтæн æмæ гуырдзиаг дзыллæйæн» расидтис Гиорги Квирикашвили. Премьерæй уæлдай хъыгтæ афтæдæр разагъта културæйы министр Михеил Гиоргадзе. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Джансугъ Чарквиани зæгъгæ, хицæн кодта йæ активон æмæ принципон æмбæстагон позицийæ.