Президенты администраци хицауады цæугæ кадрон æмæ структурон ивæндзинæдтæн позитивон аргъ дæтты
Администрацийы сæрдар Гиоргий Абашишвилийы расидæнмæ гæсгæ, президент райгонд у преьмер-министры оптимизацийы процессæй, кæцы йæ ныхасмæ гæсгæ нысаниуæгджын æмæ позитивон ивæндзинæдтæ ис культурон, рухсады, æттаг политикайы сфераты. Энергетика, хъæууон-хæдзарадон æмæ æрдз хъахъæды уагдæттæм та цы хауы, Абабшишвили банысан кодта, цæмæй ацы сфераты плангонд ивæндзинæдтæ ноджы эффектон скæндзæн хицауады куыст. «Тынг нысаниуæгджын у, цæмæй оптимизацийы фæстиуæг реализгонд ивæндзинæдтæ æхсæнады алы уæнгыл позитивонæй смыхуыр уой. Мах райгонд стæм æвдыст кандидатæй министрты постытæм» – сиды президенты администрацийы сæрдар.