Парламент скомплект кодта, ног конституцион ивындзинæдты æппæтадæмон касты организацион къорд
Парламент скомплект кодта, ног конституцион ивындзинæдты æппæтадæмон касты организацион къорд

Ног конституцион  ивындзинæдты æппæтадæмон   касты  организацион   къорды  уæнгтæ фæбæрæг сты.

Гуырдзыстоны  парламенты   скуыддзагæй , къорды сконды уыдзысты:  парламенты  сæрдар Ираклий Къобахидзе –  камисы сæрдар; парламенты  сæрдары  фыццаг  хæдивæг  Тамар Чугошвили; парламенты   сæрдары  хæдивæг  – Ирма Инашвили»  парламентон  фылдæрты  лидер Арчил Талаквадзе; фракци  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  сæрдар Мамука  Мдинарадзе; парламенты  бархи  депутат Саломе Зурабишвили;  эксперт  Васил Гонашвили;  эксперт,  парламенты  сæрдары æххуысгæнæг Тенгиз  Шарманашвили; газет «Резонансы»  сæраг редактор  Лаша Тугъуши;  парламенты  сæрдары кабинеты  сæйраг специалист  Торнике Чъеишвили.

Камисы   сконды не сты  «Националон Змæлды»  æмæ «Европаг  Гуырдзыстоны» минæвæрттæ, уымæн æмæ процессмæ  ссиу кæныны фæдыл  нæзагъд сæхæдæг сфиксир кодтой.