Пакистаны цæгат-ныгуылæны, Белуджистаны провинцийы химарæг террорист йæхи спырх кодта. Фæмард æртæ адæймаг, сæ нымæцы полицийы офицер æмæ йæ шофыр. Афтæма уæззау фæцæф сты æртæ адæймаг.
Бырстыл бæрн йæхимæ райста змæлд «Талибаны» пакистайнаг базыр.
Белуджистаны провинцийы фæстаг иу афæдзы дæргъы сæххæст бырстыты фæстиуæгæн, 180-йæ фылдæр адæймаг амард.