Павло Розенко - Хурвалеты архайæг уавæр, бæлвырд дæнц у уыйы, цæмæй иу адæймагы амбициты тыххæй, зынтæ æвзарынц адæм
Украинæйы вице-премьер Павло Розенко лигъдæтты æмæ цæрæнуатты райуæрсты министр Созар Субариимæ иумæ, оккупацион хаххы гæрон хъæу Хурвалеты уыд.
Павло Розенкойы оккупаицон хаххы гæрон архайæг уавæримæ æрзонгæ кодта паддзахадон æдасдзинады куысты минæвар. Павло Розенко телтæй æмбондты иннæ фарс цæрæг Дата Ванишвилиимæ аныхас кодта æмæ райста информаци алы уыцы проблемæйы фæдыл, кæцы оккупацигонд территорийыл цæрын рæстæджы бынæттонтæн фæзыны.
Украинæйы вице-премьер, Уæрæсейы схуыдта æнæстабилондзинады ратæдзæнæй æппæт Дунейы.
«Хурвалеты архайæг уавæр, бæлвырд дæнц у уыйы, цмæй иу адæймагы амбициты тыххæй, зынтæ æвзарынц адæм. Украинæйы нын ноджы фыддæр уавæр ис, уымæн æмæ ахæм хаххытæм хæстæг бацæуын гæнæн нæй хæстон уавæры тыххæй. Не рдыгæй алцы мадзæлттæй архайдзыстæм ма æруадзæм Украинæйы бордеризаци. Санкцитæ хъуамæ фæкарздæр уой Уæрæсейы æрдæм. Кæд исчи хъуыды кæны, цæмæй санкцитæ эффективон не сты, уый афтæ нæу. Санкцитæ æнæмæнгæй хъуамæ фæкарздæр уой æмæ æхсæнадæмон дзыллæйы æрдгæй фылдæр хъомыс дарын хъæуы» – расидтис оккупацион хаххы цур Украинæйы вице-премьер.
Хурвалеты размæ, хицауады минæвæрттæ уыдысты Цъерованы лигъдæтты цæрæн хъæуы, цыран абæрæг кодтой социалон кондад.