Лондоны æфсæнвæндагы иуæй иу  станцæйыл зынаргъ дуртæй дзаг хызын адавтой
Лондоны æфсæнвæндагы иуæй иу станцæйыл зынаргъ дуртæй дзаг хызын адавтой

Лондоны æфсæнвæндагы иуæй иу станцæйыл, поезды багажæй адавтой хызын, кæцыйы 1,3 милуан доллары аргъ зынаргъ дуртæ уыд. Информаци Reuters парахат кæны. Ралæвæрды информацийæ, Стыр Британийы полици гуырысхогондыл агуырд расидтис. Агентады информацийæ, хызын 35-аздзыд ювелиры уыд, кæцы 8-æм ноябры, Лондонæй Бримингеммæ афæндаарст. Бынатмæ ныццыды фæстæ, уый рабæрæг кодта, цæмæй хызыны зынаргъ дуртæ нал уыд. Полици апарахат кодта видео-камерайæ ист фото, кæцыйы зыны нæлгоймаг, кæцыйыл агуырд расидтысты. Фæдагурджытæ сидынц, цæмæй снысангонд уæнгимæ сæ ныхас кæнын фæнды.