Леван Изориа хайад райста RSM –ы форматы НАТО-йы уæнг æмæ партнер бæстæты хъахъхъæнынады мнистрты фембæлды
Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр Брюсселы, НАТО-йы хъахъхъæнынады министериалы фæлгæтты RSM –ы (Хъæддых фарсхæцыны мисси) форматы НАТО-ы уæнг æмæ партнер бæстæты хъахъхъæнынады министрты фембæлды райста хайад.
НАТО-йы штаб-хæдзары RSM-ы форматы фембæлды байгом кодта альянсы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг.
Мисийы хайадисæг НАТО-йы уæнг æмæ партнер бæстæты хъахъхъæнынажды министртæ æркастысты, архайæг сидтытæ æмæ фидæны плæнттæ, цæмæй куыд хъуамæ суа Афгъанистан бирæ æдас æмæ стабилондæр бæстæйæ.
НАТО-йы штаб-хæдзары уагъд фембæлдыл, æхсæнадæмон миссийы хайадисæг НАТО-йы уæнг æмæ партнер бæсмтæты хъаххъæнынады министртæм æрсидтис Гуырдзыстоны хъаххъæнынады министр.
Леван Изориайы ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстон 2018 азы НАТО-йы эгидæйæ цæугæ «Хъæддых фарсхæцыны» миссийы архайæг контрибуцийы адарддæр кæнæдзæн æнæивгæйæ.
НАТО-йы хъаххъæнынады министериалы фæлгæтты RSM-ы форматы НАТО-йы уæнг æмæ партнер бæстæты хъаххъæнынады министрты раз дзырдæй ралæуды размæ, Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр «Хъæддых Фарсхæцыны» миссийы цæгат сæрдарады хайадисæг бæстæты министрты фембæлды райста хайад.