Босниа æмæ Герцоговинæ Гуырдзыстонæн визонрежим аивдта. Гуырдзыстоны æмбæстæгтæналы 180 бонымидæгсæ бон у бæстæйытерриторимæ бахизын, æрмæстуыцы бадзырдæй, цæмæйвизит 30 бонæйфылдæрнæ аххæссдзæн.
Ныры онг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ, визæйы райсынæн тыхбын уыдысты ныццыдаиккой Туркмæ, Босниа æмæ Герцоговинайы консуладмæ. Бæстæмæ бахизын афтæдæр гæнæн уыд Шенгены бирæхаттон визæйы фæрцы.
Куыд балц кæнæм Босниа æмæ Герцогвинамæ
Балцы сплан кæнынæн визæйы фарсты аскуыддзаг уæ нал бахъæудзæн. Афон у радон этаптæ сплан кæнæм – атахт, цæрын æмæ бæстæйы тыххæй деттæлтты рацагурын.
Атахт
Тбилисæй Сараевойы æрдæм дыууæ авиакопанийы тæхынц. Сæ иу у «Пегасус», æрмæст дыккаг та «TurkishAirlines».
«Пегасусыл» Тбилис-Сараевойы ардæмадæй тæхыны аргъ 273$-йæ 380$-ы онг у. Æрмæст «TurkishAirlines»-ыл та æргътæ абаргæйæ ныллæгдæр сты. Дæнцæн, кæд сымах уæ атахт сплан кæндзыстут 16 ноябрмæ, уæд иуы æрдæм атахты аргъ 262$-æй райдайы, уыцы рæстæджы ацы «Пегасусæй» атахт уын сбаддзæн 273$ . Фæлæ æргътæ иугæндзонæй ивынц æмæ сымахæн фæндон аууæлтты фенынæн, дыууæдæр авиакомпанийы сайт хъуамæ сгарат.
Дыууæдæр авиакомпанийы цауы, Тбилисæй Сараевомæ комкоммæ нæ ныттæхдзыстут. Босниа æмæ Герцоговинайы сæйраг сахармæ ныццæуынæн, сымах бахъæудзæн транзитон атахт Стамбулы уылты.
Цæрæн бынат
Сараевойы æхсæв сбон кæнæн бынаты рацагурынæн сеппæтæй хуыздæр фадат у «airbnb»-æй спайда кæнын. Сайтыл, хостелы иу æхсæв сбон кæныны аргъ райдайы 10$–æй. Æрмæст хæдзары, индивидуалон фатеры æрцæрын уæ бон у минимум 15$-æй.
Фысымты хай уын æнхъарынц, аэропорты уæ размæ рацæуын æмæ хæдзары онг аласыны сервис дæр.
Couchsurfing
Фæлæ кæд Сараевойы цæрæн бынатæн уæ æхца бафидын нæ фæнды, уæд афон у, бахизат «couchsurfing»-мæ. Ай у социалон хызаг, кæцыйы мидæг, адæймæгтæ сбон кæнæн бынат æнхъарын æнæфидгæйæ.
Ацы рæстæгмæ, «couchsurfing»-ыл Сараевойы цæрæг 2855 фысым æссардзыстут.
Цы хъуамæ зонæм Босниа æмæ Герцоговинæйы фæдыл
Босниа æмæ Герцоговинайы сæйраг сахар у Сараево. Гуырдзиаг туристтæ, кæцытæ уыдысты бæстæйы, дзурынц цæмæй бæстæ тынг рæсугъд у зæгъгæ æмæ нын балцыцыд æцæгæйдæр тæлмæндзаг цауы ныфс дæтты. Цыдæриддæр та æргътæм æххæссы, Сараево æндæр европаг сахартимæ абаргæйæ аслам аргътæй хицæн кæны. Абарстæн Гуырдзыстон дæр дзæбæх вариант у, уымæн æмæ нæ бæстæйы архайæг базарон æргътæ, æмбæрц сты Босниа æмæ Герцоговинайы æргътимæ. Уый тыххæй дæр, бюджеты сплан кæнынæн уæ бон у, уæ зæрдыл дарат гуырдзыстойнаг æргътæ.
Фототы рацагурынæн уæ бон у спайда кæнат «Google»-æй. Фæлæ мах уын равдисдзыстæм, Фыццаг Каналы журналисты Сандро Джуфалакяны ист къамтæ, кæцы Босниа æмæ Герцоговинайы уыд æртæ азы размæ.